Гданскы  мэр, кæцыйы  хæрзаудæн  мадзалы  рæстæджы  кардæй  ныццавдтой, рынчындоны æрбамард
Гданскы мэр, кæцыйы хæрзаудæн мадзалы рæстæджы кардæй ныццавдтой, рынчындоны æрбамард

Польшæйы  сахар Гданскы  мэр, кæцыйы  хæрзаудæн  мадзалы  рæстæджы  кардæй  ныццавдтой, рынчындоны æрбамард.  Информацийы  хæлиу кæны ВВС.

Мэры адзалы  бæлвырд кæны  Польшæйы æнæнизхъахъъхæды министр.

«Мах нæ фæуæлахиз стæм» – баздæхтис  министр  Кукас  Жумовский  медийæн.

53  аздзыд  Павел  Адамович  сценæйыл   сæдæгай   адæймаджы  раз, знон изæры фæцæф кодтой.  Бырсæг хъæр кодта, ома  раздæры хицауады  рæстæджы йæ æнæнзакъононæй  æрцахстой  æмæ йæ  хъизæмарæй  мардтой.

Уæззау  уавæры уæвæг  Адамовичы рынчындонмæ фæхæццæ кодтой, цы ран йын операци сарызтой.

Криминалон ивгъуыд кæмæн уыд уыцы  27  аздзыд  нæлгоймаг та  ахст у.

Павел Адамовичы  сахар Гданскъы мэрæй  1998 азы  фæстæ  куыста.  Сахары мэр  хæрзаудæн мадзалыл  уыд, кæцыйыл  сывæллæтты рынчындонæн  цалдæр милуан   евро  æрымбырд кодтой.