Польшæйы хицауад бæстæйы Æхсæнадон уацхæссджыты къухдариуæгад сæ куыстæй систа, телеуынынады офисмæ бацыдысты  оппозицийы минæвæрттæ, мобилизацигонд у пъæлицæй
Польшæйы хицауад бæстæйы Æхсæнадон уацхæссджыты къухдариуæгад сæ куыстæй систа, телеуынынады офисмæ бацыдысты оппозицийы минæвæрттæ, мобилизацигонд у пъæлицæй

Польшæйы  культурæйы министрад Польшæйы Æхсæнадон Телеуынынады, радиойы æмæ информацион агентад  РАР-ы къухдариуæгады йæ куыстæй сисыны фæдыл  райхъусын кодта.  Уыимæ  раиу ис  24 сахатон   информацион канал  «TVP INFO», кæцыйы  Польшæйы ног премьер-министры Доналд Тускы  парти «Æмбæстагон платформæ»  раздæры хицаугæнæг  партийы  фарсхæцæг  пропагандæйы   аххосджын кодта.

Уыимæ, дыццæджы Польшæйы  ног парламент  райста резолюци  кæцы алы  паддзахадон оргæнмæ сиды, «æнæаргъæвгæйæ  райсæт мадзæлттæ æууæнкаг  информаци æмбæстæгтæн рæувадат скæныны æмæ æхсæнадон  медиайы  куыст сифтонг кæнынæн».

Польшæйы националон уацхæссæгон советы сæрдар Мачей  Сврски  хъусын кæны, цæмæй  Æхсæнадон  медиафæрæзты къухдариуæггæнджыты ссæрибар кæнын æнæзакъонон уыд.

Уыимæ Польшæйы Æхсæнадон Телеуынанды офисы раздæры  хицаугæнæг  партийы «Закъоны æмæ Рæстагдзинады» уæнгтæ  бацыдысты, с нымæцы  партийы лидер  Ярослав Качински. Йæ дзырдæй, зæгъгæ «Уыдон телеуынынады сты демократи бахъахъъхæнынæн»  Бæстыхайы мобилизацигонд сты  барадхъахъъхæнджытæ дæр.