Фыццаг Къаналыл Саломэ Зурабишвилийы, Григол Вашадзейы æмæ Давит Бакрадзейы  дебаттæ  плангонд сты  24 октябрьмæ  22:00 сахатмæ
Фыццаг Къаналыл Саломэ Зурабишвилийы, Григол Вашадзейы æмæ Давит Бакрадзейы дебаттæ плангонд сты 24 октябрьмæ 22:00 сахатмæ

ПРезиденттæм кандидатты æхсæн плангонд дебаттæм гæсгæ, 9   октябры  Æхсæнадон Телеуынынады, Саломэ Зурабишвилийы, Григол Вашадзейы, Давит Бакрадзейы минæвæртты æмæ   Фыццаг Къаналы  менеджменты  æхсæн фембæлд сырæзт.

Фембæлдыл  президенттæм кандидатты  æхсæн дебатты  æнхъæлцау  рæстæг  æмæ формат æркастысты.  Иумæйаг  бадзырды  бындурыл,  сæвзæрстой   дебатты ауадзынæн дыууæ гæнæн датæ -22 кæнæ 24  октябр.

10 октябры  уагъд уæдæмхас  бадзырдты фæстиуæгæн аскуыддзаг ис, цæмæй  дебаттæ  ацæудзысты  24  октябры 22:00  сахатыл  Фыццаг Къаналы  теле æмæ радио  эфиры.

Президенттæм кандидатты минæвæрттæ   дебатты   Саломэ Зурабишвилийы  æмæ Григол Вашадзейы хайадист сбæлвырд кодтой. Давит Бакрадзейы  минæвары  фидиуæнæй, уый тыххæй  цæмæй  Давит бакрадзе  Гуырдызстоны нæй,  йæ официалон дзуапп  12  октябры  фæбæрæг уыдзæн зæгъгæ.

Фыццаг Къаналы  эфиры рæстæг  алы президенттæм  кандидатæн  æмбæрцæй дæтты. 28 октябры онг  Æхсæнадон Телеуынынады эфиры  кæсджытæн уыдзæн фадат  президенттæм кандидаттимæ æртæ æндæр æмæ æндæр форматы  базонгæ уа.

26  сентябрæй  25 октябры онг  æрвылбойнонæй,  Хуыцаубонæй  дарддæр, «Моамбейы» сæйраг рауагъды  алкæцы  кандидатмæ лæвæрд цæуы фадат  æвзæрстгæнæгæн  10 минуты  дæргъы  21:30 сахатыл  сæрмагонд  программа базонын кæна.

Афтæдæр  Фыццаг Къанал  æвзæрстыты хайадисæг  канидаттæн  ратта фадат  кæрæдзийы расидын  дебаттæм  æмæ  кандидатты  разыдзинады  цауы,  уыдонæн  эфиры рæстæг   ратдзæн.

Уыйимæ  иумæ,  дебаттæ  ацæудзысты 12  октябры, майрæмбон  22:00 сахатыл,  кæцыйы  фараст æнæквалифициргонд  субъектæн  уыдзæн йæ бон  хайад райсын.

Квалифициргонд субъекттæ  дыууæ къорды  8 –  кандидатыл  адих сты.  Се æхсæн дебаттæ та 19  æмæ 26 октябры   ацæудзæн.

Бакой  уын кæндзыстæм, цæмæй  дебатты  ранывæзт æмæ  рад  бадзырд  æрцыд  халæппæрсты фæстиуæгæн, æвзарæнон субъекттимæ  централон æвзарæн  камисы уагъд фембæлды рæстæджы.