Григол Вашадзе парламент уадзы
Григол Вашадзе парламент уадзы

Хæдбар депутат Григол Вашадзе  парламент уадзы.  Вашадзейы дзырдæй,  парламенты   уæвынæн  уымæн нæдæр политикон мидис ис  æмæ нæдæр моралонæй у раст.

«Бирæ рæстæг уын нæ байсдзынæн.  Закъонопроектæн, кæцыйы тыххæй радзырдæн цыфæнды  географион дефиницийæ спайда кæнай  Уæрæсейы-Зимбабвейы онг,   уæвынæн  æмæ  уæлдай дæр йæ райсынæн, нæдæр падзахадон, æнæдæр политикон нæдæр моралон æмæ æнæдæр прагматонæй сраст  кæнын ис гæнæн.  Ацы закъонопроект  закъонæй куы феста,  фæстагмæ авторитарон  режимы  сфидарк æнынæн  спайда кæндзысты.   Абон  куы  ныллæууа   ацы закъонопроекты кæсын,  уæддæр ныридæгæн стыр зиан æрхаста   нæ Европаг перспективæйæн.

Афтæ у: дæ анатомийы æнæраст уæнгтæй  куы  райдайыс хъуыды кæнын,  уæд уый фæстиуæгæн  райсыс социалон  тынгад,  быцæудзинад æмбæстæгтимæ,  æмцæдисонтимæ, æхсæнадон  организацитимæ. Ахæм уавæрты  парламенты уæвын  мæнæн нал дæр политикон хъуыды хæссы  æмæ нал дæр моралонæй сраст кæнын ис гæнæн.   Уадзын парламент. Гуырдзиаг дзыллæй  хъуыдыйæн мæнæн  скъуддзаггæнæг  нысаниуæг ис.  Мæхимæ уадзын ныфс, цæмæй  хицауад   нæй зæгъдзæн  ацы закъонопроекты райстыл» –  банысангонд у Григол Вашадзейы  фидиуæны, кæцыйы публикаци кæны «Интерпрессньюс».