«Европаг Гуырдзыстоны» фидиуæнæй,  фæндзæм раундмæ  хицауад хъуамæ æрабцæуа сæрмагонд æнхъарæнимæ
«Европаг Гуырдзыстоны» фидиуæнæй, фæндзæм раундмæ хицауад хъуамæ æрабцæуа сæрмагонд æнхъарæнимæ

«Европаг Гуырдзыстоны»  уæнг  Леван  Тархнишвили хъусын кæны, цæмæй  оппозици зæгъгæ, хицауадæй  фæндзæм раунды  фæдыл  информацимæ  æнхъæлмæ кæсы.

Тархнишвили куыд хъусын кæны уымæ гæсгæйæ,  фæндзæм раундыл  хицаугæнæг  бал сæрмагонд æнхъарæнимæ хъуамæ æрбацæуа.

«Хицауады æрдгæй  исты ногдзинад куы уыдзæн, кæнæ мах бамбардзыстæм, цæмæй  ацы этап  кæронмæ фæцис  æмæ  цыдæр ног этапмæ хъуамæ ахизæм, оппозици  æрымбырд уыдзæн æмæ  уый  уыдзæн   хуымæтæг  æргом  фембæлд, ныры куыд  уыдис афтæ, мах  дзыллæйæ  ницы бамбæхсын хъавæм. Кæд æмæ дарддæр раунд уыдзæн,  уæд  уыдзæн раздæры раунды логикоон дарддæрдзу, раззаг раунды дырысæй сфиксир кодтам цыппар æнхъарæн æмæ æркуырд, уый фæстæ нæ позицитæ  нæ  фæивдтам.  Уымæ гæсгæ дæр, хицауад хъуамæ рацæуа  сæрмагонд æнхъæрæнимæ, кæнæ та зæгъæт, цæмæй алцыдæр фæцис, æндæр мах ницыуал зæгъын хъавæм, æмæ кæд искæй исты  зæгъын æрфæнддзæн уæд  зæгъдзæн» – райхъусын кодта Тархнишвили.