Дональд Трамп - Уæрæсеимæ фембæлд æвзæр нæу, фæлæ мæм стыр æнхъæлцытæ нæй
Дональд Трамп  -  Уæрæсеимæ  фембæлд   æвзæр нæу, фæлæ мæм  стыр æнхъæлцытæ нæй

Америкйы Иугонд  Штатты президент Дональд Трамп,  Владимир Путинимæ  фембæлды цалдæр сахат размдæр  хъусын кæны,  ома  ацы   фембæлдæй  йæм   стыр æнхъæлцытæ нæй.  Ацы  фидиуæны  Трамп сарызта телекомпани  CBS-имæ интервьюйы рæстæджы.

«Мæ хъуыдымæ гæсгæйæ,   фембæлдтæ  нысаниуæгджын сты,  дæнцæн Ким Чен Ынимæ  фембæлд  уыд тынг  хорз хъуыды,   Китайы   президентимæ фембæлд дæр.  Цæгат Кореяйимæ, Китайимæ, Уæрæсеимæ  фембæлд   æвзæр никуы  у, фæлæ   стыр æнхъæлцытæ мæм  нæй» – райхъусын кодта Трамп.

Уæрæсейы æмæ   АИШ-ы  президенттæ кæрæдзиимæ сом  Хельсинкийы   фембæлдзысты.