Бидзина  Иванишвилийы бинонтæ фонд  StopCoV фонды хыгъдмæ бахастой  100 милуан лари
Бидзина Иванишвилийы бинонтæ фонд StopCoV фонды хыгъдмæ бахастой 100 милуан лари

Парти «Гуырдзиаг Бæллиццы»  сæрдар   Бидзина  Иванишвилийы  бинонтæ  фонд  StopCoV-ы хыгъдмæ  бахаста  100 милуан лари.

StopCoV фондмæ   хаст суммæты  æвдисæг   знон   æхсæвы рæгмæ  райрæзтис,  кæцы  Гуырдзыстоны  хицауады   специалон  веб-фарсыл дæр  (https://stopcov.ge/ka/Fund)  разындис.

Сæрмагондæй  та,   бæрæггæнæнты  ранæуæгы  онг   уæвæг суммæ,  уыдис 24  милуан  ларийы  бæрц,  кæцы  райрæзтис  124 543 899 ларийы онг.

Социалон хызагы   ацы  факты фæдыл  фæбæрæг  сты  аргъгæндтæ  æмæ разагъдæуыд æнхъæлц,  ома суммæ   фондмæ Бидзина Иванишвили  бахаста.

Гуырдзыстоны Фыццаг Канал   информацийы  рабæлвырд кæнынæн,  фонд «Картуйы»   гамгеобайы  сæрдар, Николоз  Чхетианимæ  адзырдта.

Бидзина Иванишвили  100 милуан  ларийы кæй  бахаста   фонды  хыгъдмæ уый æмæ банысан кодта: «Бидзина Иванишвилийы  бинонты  донаци  StopCoV фонды  у  100  милуан лари.  Бидзина  Иванишвили   специалонæй  StopCoV фондæн, 100 милуан лари  «Карту Фондмæ»  цалдæр боны размæ  бахаста æмæ  ацы  суммæ  коронавирусимæ  тохы   фонды хыгъдыл  ныридæгæн  фæзындис».