Андриус  Кубилиус -  Диалогæн йæ бон  у  рахатинаг  фæстиуджытæ æрхæссын  Гуырдзыстоны фидæн æвзæрстытæм
Андриус Кубилиус - Диалогæн йæ бон у рахатинаг фæстиуджытæ æрхæссын Гуырдзыстоны фидæн æвзæрстытæм

Райгонд уыдзыстæм кæд æмæ  хицаугæнæг бал æмæ оппозицийы  æхсæн диалог адарддæр уыдзæн, диалогæн йæ бон у,  æрхæсса  рахатинаг  фæстиуджытæ  фидæны  æвзæрстытæм –   уый  фæдыл   Евронесты  парламентон ассамблейы  вице-президент,  Андриус  Кубилиус,  Гуырдзыстоны Евроцæдисы  минæвармæ,  Карл Харцеллимæ  фембæлды  фæстæ   райхъусын кодта.

Фарстыл, зæгъгæ  цы уыдзæн сырæзт уавæрæй  рацæуæнæй, Евронесты  парламентон ассамблейы  вице-президент  дзуапп  кæны, уæмæй  уый  зæгъгæ Гуырдзыстоны аскуыддзаг кæнинаг у.

«Цæй   зæгъын æй  ъæуы   стыр  бæрн æвæрд у   хицаугæнæг  партийыл  уыцы ныфсæвæрдты  æнæсыххæсты тыххæй,   кæцытæ раздæр,  июн-июлы  ратта.  Ай хорз  рацæуæн нæу, уымæн æмæ  адæмы æхсæн, Евроцæдисы,  Гуырдзыстоны  хæлæртты æхсæн  æнæуууæнк  расайыс, цæмæй  куыд  айтынг уыдзысты  фæзындтæ.  Дзырд уыдис  Немыцаг Моделыл, кæцы  конституцион ивдтытæ  нæ домы. Фæнды мæ дыууæдæр фарсæн, сæрмагондæй та хицаугæнæг  партийæн ракувон,  æрынхас кæной фидæны къадзæфтыл, цæмæй  фылдæр пропорциондзинад  æрфидар кæной  æвзарæнон  системæйы  фидæн  азы  æвзæрстыты» –  райхъусын кодта Андриус  Кубилиус.

Хицауалды æмæ оппозицийы   минæвæрттæ  фæсарæйнаг дипломаттим æиумæ,   абон радон  фембæлд сараздзысты.  Фембæлд   нысангонд у  18:00 сахатмæ.