Андриус Кубилиус - Диалогæн йæ бон у рахатинаг фæстиуджытæ æрхæссын Гуырдзыстоны фидæн æвзæрстытæм
Райгонд уыдзыстæм кæд æмæ хицаугæнæг бал æмæ оппозицийы æхсæн диалог адарддæр уыдзæн, диалогæн йæ бон у, æрхæсса рахатинаг фæстиуджытæ фидæны æвзæрстытæм – уый фæдыл Евронесты парламентон ассамблейы вице-президент, Андриус Кубилиус, Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвармæ, Карл Харцеллимæ фембæлды фæстæ райхъусын кодта.
Фарстыл, зæгъгæ цы уыдзæн сырæзт уавæрæй рацæуæнæй, Евронесты парламентон ассамблейы вице-президент дзуапп кæны, уæмæй уый зæгъгæ Гуырдзыстоны аскуыддзаг кæнинаг у.
«Цæй зæгъын æй ъæуы стыр бæрн æвæрд у хицаугæнæг партийыл уыцы ныфсæвæрдты æнæсыххæсты тыххæй, кæцытæ раздæр, июн-июлы ратта. Ай хорз рацæуæн нæу, уымæн æмæ адæмы æхсæн, Евроцæдисы, Гуырдзыстоны хæлæртты æхсæн æнæуууæнк расайыс, цæмæй куыд айтынг уыдзысты фæзындтæ. Дзырд уыдис Немыцаг Моделыл, кæцы конституцион ивдтытæ нæ домы. Фæнды мæ дыууæдæр фарсæн, сæрмагондæй та хицаугæнæг партийæн ракувон, æрынхас кæной фидæны къадзæфтыл, цæмæй фылдæр пропорциондзинад æрфидар кæной æвзарæнон системæйы фидæн азы æвзæрстыты» – райхъусын кодта Андриус Кубилиус.
Хицауалды æмæ оппозицийы минæвæрттæ фæсарæйнаг дипломаттим æиумæ, абон радон фембæлд сараздзысты. Фембæлд нысангонд у 18:00 сахатмæ.