Андрес Мамыкинс – Райгонд дæн Гуырдзыстоны æмбæстæгты фылдæр, Евроцæдисы уæнгсуæвын кæй фæнд кæнынц уымæй
Гуырдзыстон у раздзог бæстæ Хуссар Кавказы регионы æмæ уый æрмæст евроцæдисы тырыса æвдисынæй нæу – уый тыххæй евроапралменты раныхасгæнæг Андрес Мамыкинс райхъусын кодта.
Тбилисмæ визитæй уæвæг Андрес Мамыкинс Гуырдызстоны парламенты Европæимæ интеграцийы комитеты сæрдар Тамар Хулордаваимæ фембæлд.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, реформæты ауадзын æмæ дзыллæйы æхсæн сæххæст ивдтыты æрдгæй Гуырдзыстон зæгъгæ у раздзог бæстæ.
«Ам дæн цæмæй мæ хыгъдлæвæрд æрцæттæ кæнон, цæмæй куыд цыдис æртæ азы дæргъы ассоциацидзинады бадзырды имплементаци. Гуырдзыстон у раздзог бæстæ Хуссар Каввказы регионы æмæ уый æрмæст Евроцæдисы тырыса райтындзынæй нæу – сымах стут радзог паддзахад реформæтæ ауадзыны æмæ дзыллæйы æхсæн сæххæст ивдтытæй», – райхъусын кодта Европарламенты раныхасгæнæг.
Андрес Мамыкинсы дзырдæй, уый зæгъгæ райы цæмæй Гуырдзыстоны æмбæстæгты фылдæр хай бæстæйы Евроцæдисы уæнгсуæвынæн хæцынц йæ фарс.
Мамыкинс абон, Гуырдзыстоны президент Гиорги Маргвелашвилиимæ, фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалианиимæ, афтæдæр æнæхицауадон организациты æмæ æнæпарламентон оппозицион партиты минæвæрттимæ фембæлдзæн.