Александр Лукашенко хицауадæй йæ  ацыды сæйраг  домæнты  тыххæй радзырдта
Александр Лукашенко хицауадæй йæ ацыды сæйраг домæнты тыххæй радзырдта

Белорусы  президент Александр Лукашенко хицауадæй йæ  ацыды сæйраг  домæнты  тыххæй радзырдта. Уый фæдыл  Лукашенко  æппæтадæмон æмбырдыл   дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.

Александр  Лукашенко  сæйраг  домæнæй  схуыдта бæстæй  сабырдзинад  æмæ  сæрфад,  афтæма йæ фарсхæцджытæн нæфæцагайгæдзинад.

«Хицауадæй  мæ ацыды сæйраг аууæлттæ: сабырдзинад бæстæйы,  сæрфад,   цæмæй ма уа  мацы протестон архйдтæ, фæфæлдæхт,  сæрмагонд  хъуыды  закъоны фæлгæттæм  æмбæлгæйæ  радзурын.

Дыккаг: кæд афтæ æрцæуа æмæ  хицаудзинад  райсой  æндæртæ,  æмæ сæм æндæргъуызон цæстæнгас уыдзæн,  дыккаг пунктæй  ныффысдзыстæм, цæмæй нырыккон президенты фарсхæцджытæм ма  бахъавæт.  Уый тыххæй рацыдтæн инициативæйæ, Белорусы  æппæтадæмон  æмбырд   конституцион органæй  скæнæм,  раттæм йын  æххæстбартæ, –  райхъусын кодта  Александр Лукашенко.

Уый ма  бæстæй президентон  æвзæрстыты фæстæ  райдайгæ   протестон   рацыдты  фæдыл  фæныхас кодта.

«Нæ сабыр цард,  нæ суверенитет  æмæ стабилондзинад  серьозон   æртхъирæны раз  æрлæууыд.  Дзæбæх  хъуамæ æмбарæм, цæй йас æнамонддзинадæй бахизтам нæхи,   ацы æртхъирæныл куы фæуæлахиз стæм  уæд.  Æрхъуыды ма кæнут,  цы фæстиуæг æрхастой, а.х. хуызджын революцитæ  пост-советон тыгъдады –  перманентон,  хроникон  æнæстабилондзинад æмæ цæрджыты  фæмæгуыр», – райхъусын кодта Белорусы президент.