АИШ-ы Сенаты æддæ  ахастыты  комитетыл хъусыны рæстæджы Гуырдзыстонæн фарсхæцæг фидиуæнтæ  сырæзт
АИШ-ы Сенаты æддæ ахастыты комитетыл хъусыны рæстæджы Гуырдзыстонæн фарсхæцæг фидиуæнтæ сырæзт

АИШ-ы  сенаты  æддæ  ахастыты  комитеты   3  декабры   ацыд   хъусын  «Уæрæсейы æрдæм АИШ-ы  политикæйы  фидæн»,  кæцыйыл  дзырдæй  ралæууыдысты политикъон фарстаты АИШ-ы паддзахадон  нымæрдары   хæдивæг, Девид  Хейли æмæ æхсæнадæмон   ахастыты   æмæ æнæахæлиуы  фарстаты  АИШ-ы   паддзахадон нымæрдары  æххуысгæнæг,  Кристофер  Форд.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады куыд хъусын кæнынц афтæмæй,   хъусыны  рæстæджы  йæ разныхасы  Гуырдзыстоны  ныхмæ  Уæрæсейы   агресси бафаудта сенаты   æддæ  ахастыты   комитеты   сæрдар,  сенатор Джеймс  Риш.

«Кæй  зæгъын æй хъæуы   алчи зонæм,   азты дæргъы цæугæ   Уæрæсейы  бырсты тыххæй  Гуырдзыстон æмæ   Украинамæ, æндæр бæстæты  территорийыл   Уæрæсейы  æмбæстæгты  фæмаргджын кæныны  тыххæй.   Уæрæсейы  Федерацийы   тыххæй  абон  дунейы  æрбынат кодта   тас  æмæ  фæлæмæгъ ис  сæрибардзинад», –  банысан кодта  сенатор Риш.

«Тынг дырыс хъуамæ  уæм, цæмæй  2008 азы  Уæрæсейы  Гуырдзыстонмæ  лæбурды  бонæй фæстæмæ, Кремлы   агрессивон   архæйдтыты  бирæ  дæнц, хуымæтæгæй  æнæруадзгæ  у  æмæ нæй  гæнæн  суа  æхсæнадæмон ахастыты   нормæйæ», –  райхъусын кодта   Сенаты  æддæ  ахастыты   комитеты  сæрдар,  сенатор Боб Менендес.

Политикъон  фарстаты  АИШ-ы   паддзахадон  нымæрдары  хæдивæгы, Хейлийы æмбарынгæнæнмæ  гæсгæйæ,  зæгъгæ «Уæрæсе йæ сыхы  архайы доминир кæнын,  кæцы  фæбæрæг ис  йæ   агрессийы  Гуырдзыстон æмæ Украинайы  ныхмæ».  Йæ ныхæстæм гæсгæ.    АИШ-æ  нысаниуæгджын   хуызы  финансон  бæгъдуан райста  йæхиуыл баххуыс кæна   партнер бæстæтæ –   Гуырдзыстон æмæ Украинайæ сæ  æнæфæцудгæдзинад фæфидардæр кæнынæн.

«Украинайæн æххуысы  æнгæс,  мах Гуырдзыстонæн æддæ  æфсæддон  æххуысы  фæлгæтты  2014  азæй   райдайгæ   рахицæн кодтам   170 милуан  доллар,  сæ нымæцы  94  милуан доллар  2018-2019  фисклаон азмæ,  цæмæй  Уæрæсейæ  цæугæ   агрессийæн базхом  уынæн фæхуыздæр кæнæм   Гуырдзыстоны  хъæддыхдзинад,  фæтыхджындæр кæнæм   бæстæйы  территорион  хъахъхъæдады   фæрæзтæ  æмæ   баххуыс кæнæм Гуырдзыстоны æфсæддон  трансформацийы  тыхархайды  æмæ НАТО-имæ æмбынатин скæныны хъуыжжажы», –  райхъусын кодта Хейли.