Джо Байден – иумæ лæууæм  Гуырдзыстоны евроатлантикон тыгъдады  уæнгсуæвынæн, АИШ дарддæр кæны  Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн  фарсхæцын
Джо Байден – иумæ лæууæм Гуырдзыстоны евроатлантикон тыгъдады уæнгсуæвынæн, АИШ дарддæр кæны Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн фарсхæцын

Мах лæууæм Гуырдзыстоны   евроатлантикон  тыгъдады  уæнгсуæвынæн, кæцыйы хъыдыйы дард  цæуынц  НАТО  æмæ Ервоцæдисы æрдæм къахлдзæфтæ, – уый фæдыл   Гуырдзыстоны  хæдбарады боны фæдыл, АИШ-ы  президент Джо Байдены   фыстæджы дзырдæуы, кæцыйы уый  Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилийæн   рарвыста.

Байден  куыд банысан кодта афтæмæй,  «АИШ  дарддæр  кæны Гуырдзыстоны  суверенитет æмæ   территорион  æнæхъæндзинадæн   фарсхæцын æмæ Уæрæсейы  агрессийы ныхмæ  Гуырдзыстонæн йæ фарсмæ  лæудзæн».

«Америкаг   адæмы номæй, сымах æмæ гуырдзиаг адæмæн, кæцы  хæдбарады бон  бæрæгбон кæны, сеппæтæй хуыздæры  арфæтæ  дзуры мæ  зæрдæ. Гуырдзыстоны æмæ АИШ-ы  æмгуыстад нырид  æртæ  дæсой  азæй  фылдæр  у  цы дарддæр кæны æмæ уый  ахъаззаг у  регионы æмæ  Дунейы масштабæй   сабырдзинады æмæ   фарны  æрфидар кæнынæн.  Ацы дыууæ бæстæйы  адæмтæн кæрæдзииммæ æнæцудгæ, фидар  бастдзинад ис, кæцы сæвзæрдис нæ адæмты  кæрæдзиимæ комкоммæ ахастытæ æмæ иумæиаг  хæзнаты бындурыл, сæ нымæцы демократийы æмæ  закъоны сæйрагдзинад.  Иумæ  лæууæм Гуырдзыстоны   евроатлантикон тыгъдадмæ интеграцийæн, кæцыйы  хуъыдыый  дард цæуынц  НАТО æмæ Евроцæдисы æрдæм къахдзæфтæ. АИШ дарддæр кæны Гуырдзыстоны  суверенитет æмæ  территорион æнæхъæндзинадæн  фарсдарын  æмæ Уæрæсейы агрессийы  ныхмæ Гуырдзыстонæн йæ фарсмæ  лæуудзæн.   Иннæ  азты   æнхъæлмæ кæсын  Гуырдзыстоны æмæ АИШ-ы  æхсæн  уæвæг партнерады стынгдæр кæнынмæ, цæмæй ноджы  хуыздæр хъахъхъæд æмæ  ифтонггонд  фидæн сæвзæрын кæнæм нæ  адæмтæн», – банысангонд у Джо Байдены  фыстæджы, кæцыйы  публикаци скодта Саломэ Зурабишвили.