АИШ минæварад Гуырдзыстонæн  арфæ кæны хъахъъхæнынады тыхты бындурæвæрдæй  28 азы сæр – Иугонд Штаттæ сæрыстыр у  йæ æфсæддон  партнерæй
АИШ минæварад Гуырдзыстонæн арфæ кæны хъахъъхæнынады тыхты бындурæвæрдæй 28 азы сæр – Иугонд Штаттæ сæрыстыр у йæ æфсæддон партнерæй

Америкæйы Иугонд Штатты  минæварад  Гуырдзыстоны,   Гуырдзыстонæн  арфæ кæны  хъахъъхæнынады тыхты бындурæвæрдæй  28 азы сæр.

«АИШ-æ  сæрыстыр у  йæ æфсæддон   партнерæй  æмæ райгонд у Гуырдзыстоны  æфсæддон куысты службæгæнæг  алы  адæймагæй» –  банысангонд у  АИШ-ы минæварады арфæйы.

30 апрель Гуырдзыстон æфсады бон  у.   Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады  тыхтæ  бындурæвæрдæй  28  азы юбилей бæрæгбон кæны.  1990 азы  декабры,  Гуырдзыстоны республикæйы  Бæрзонддæр Советы  барамындæй,  Гуырдзыстоны  мидхъуддæгты  министрадимæ  мидæгон æфсад –  Националон Гвардий  сырæзт.  Гуырдзиаг æфсады  фæстæдæр  рæзынад,  националон гвардийы  бындурыл  сырæзт.