Гуырдзыстоны. АИШ-ы  минæварад - 70  азы дæргъы  оккупаци  нæ басаста  гуырдзиаг адæмы ныфс  æмæ  бæстæ æрыздахта  хæдбардзинад
Гуырдзыстоны. АИШ-ы минæварад - 70 азы дæргъы оккупаци нæ басаста гуырдзиаг адæмы ныфс æмæ бæстæ æрыздахта хæдбардзинад

70  азы дæргъы  оккупаци  нæ басаста  гуырдзиаг адæмы ныфс  æмæ  бæстæ æрыздахта  хæдбардзинад, – уый фæдыл  дзырдæуы  Гуырдзыстоны. АИШ-ы  минæварады   фейсбук-фарсыл.

Фидиуæны куыд у банысангонд, афтæмæй,   Америкæйы  Иугонд Штаттæ  сæрыстыр  у  уымæй  æмæ Гуырдзыстонимæ партнертæ сты æмæ дарддæр кæны  суверенон æмæ  сæрибар бæстæйы   фарсмæ лæуд.

«Абон советон  оккупацийы   бон  нысан кæнæм  æмæ  мысæм  уыдоны,  чидæриддæр 1921 азы  Гуырдзыстонмæ  Сырх Армийы  бырсты  фæстиуæгæн  фæхъуыдысты  кæнæ та сæ цæрæнуаттæй  сыстын кодтой æмæ фæсарæнтæм раттой  сæхи.  Афтæдæр дæр сæ кой  кæнæм   коммунистон оккупацион режимы  политикъон  репресситы  сæдæгай  мин  амæттагы.

70 азон оккупаци  гуырдзиаг адæмы ныфс басæттын нæ  бахъом æмæ бæстæ  йæхимæ æрыздахта хæдбардзинад. Америкæйы Иугонд Штаттæ  сæрыстыр у  Гуырдзыстонимæ  партнер  кæй  у уымæй  æмæ  дарддæр кæны  суверенон   æмæ сæрибар   бæстæйæн æххуыс», – банысангонд у   Гуырдзыстоны, Америкæйы Иугонд Штатты  минæварады фейсбук-фарсыл.