Саломэ Зурабишвили - Хъахъхъæнынады тыхтæ  йæ  бындурæвæрды бонæй  сты  Гуырдзыстоны хæдбардзинады  фидар
Саломэ Зурабишвили - Хъахъхъæнынады тыхтæ йæ бындурæвæрды бонæй сты Гуырдзыстоны хæдбардзинады фидар

Хъахъхъæнынады  тыхтæ  сæ бындурæвæрды бонæй,  Гуырдзыстоны хæдбардзинады  фидар сты  – ацы ныхæстæй   баздæхтис  Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили, хъахъъхæнынады   тыхты бонмæ нывонд  бæрæгбойнон   мадзалы  хайадисæг  æфсæддæттæм,  кæцытæн хъахъъхæнынады  тыхты  бон раарфæ кодта.

«Арфæ уын кæнын  Гуырдзыстоны  хъахъъхæнынады  тыхты  бон.   Арфæ  кæнын фыццаджы дæр   рæнхъонтæн,   офицертæн, инæлартæн,  алкæцы æфсæддонæн.  Арфæ  кæнын хъахъхъæнынады министрады кусджытæн.  Арфæ кæнын ветерантæн, æппæт Гуырдзыстонæн.  Сæрыстыр дæн  цæмæй  мæ  сабибонты  сæрмагондæй  зыдтон  инæлар Квинитадзейы  æмæ  тынг хъал дæн  æмæй  ныр уæ разы  лæууын  уыцы бон,  нæ бæстæйы  хъахъхъæнынады  тыхты  бындурæвæрдæй  28 азы куы сыххæст .

Хъахъхъæнынады тыхтæ  йæ  бындурæвæрды бонæй  сты  Гуырдзыстоны хæдбардзинады  фидар.   Не æфсæддæттæ,  Гуырдзыстоны   паддзахаддзинады  сæйраг  хъахъъхæнджытæ  сты.  Бæстæйы  рагъыстæг  стут сымах.  Æнæхъæн  ацы  азты дæргъы  гуырдзиаг  æфсæддоны  хивонддзинады æмæ  профессионализмы  бирæ  дæнцæй  сбæлвырд ис уый,  цæмæй махæн  намыс  у  сегасæй ахсджиаг дæр.  Ай историонæй  афтæ уыдис,  афтæ у  æмæ  йæм æртъхъирæн дæр ницы бакæндзæн.   Гуырдзиæгтæ  зонæм  сæрибардзинады аргъ,  зонæм сабырдзинады  аргъ,  цæмæй  бæстæй стабилондзинадæн,   хæдбардзинад сфидар кæнынæн,  нæ арæнты  фæлгæтты  сабырдзинад   срæвдз кæнынимæ иумæ,  цæрынæн  нысаниуæгджын  у  æхсæнадæмон æдасдзинад  æмæ  глобалон  сабырдзинад» – райхъусын кодта  Саломэ Зурабишвили.