Æддагполитикъон уагдон – Гуырдзыстоны æмæ Азербайджаны паддзахадон арæны хицауадон камисты экспертон къордтæ арæны æнæразы фадгуытыл иумæйаг куыст дарддæр кæнынц
Гуырдзыстоны æмæ Азербайджаны Республикæйы паддзахадон арæны хицауадон камисты экспертты къордтæ адарддæр кæндзысты куыстытæ паддзахадон арæны æнæразы фадугытыл – уый фæдыл информацийы хъусын кæны Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад.
Афтæдæр сæ информацийæ, цæугæ азы 20 августы территорийыл цæст ахастой хъæу Вахтангисийы æмæ Давит Гареджийы моладзандонон комплексы алфæмбылæйтты.
«Эксперттæ æркастысты дыууæ бæстæйы камисты позицитæ оæвæрд фадгуытыл æмæ раргом кодтой сæрмагонд цæстæнгас. Гуырдзыстоны экспертты къорд бынатыл райхæлдта азербайджайнаг фарсæн сæрмагонд позици арæныл хизыны тыххæй. Куысты фæстиуджытæ лæвæрд æрцæудзысты камисты сæрдæрттæм фæстæдæр æркæсыны тыххæй» – хъусын кæнын уагдоны.
Афтæдæр сæ информацийæ, фæдылдзог бонты плангонд у аналогион куыстыты сæххæст кæнын арæны æндæр æнæразы фадгуытыл.
«Экспертты кусæн фембæлд фыццаг этапыл, æнхъæлцау адарддæр уыдзæн 23 агусты онг, цæй фæстæдæр дæр сплан уыдзæн баззайгæ æнæразы фадгуыты сбæрæг кæныны дыккаг жтап, гæнæн цыбыр æмгхъуыдтæм. Экспертон фембæлдты фæуды фæстæ, сплан уыдзæн камисты фембæлд Тбилисы, гæнæн ис сентябры дæргъы дæр» – хъусын кæнынц министрады.