Æддагполитикъон уагдон – Гуырдзыстоны æмæ Азербайджаны  паддзахадон арæны хицауадон камисты экспертон къордтæ  арæны æнæразы фадгуытыл  иумæйаг  куыст дарддæр кæнынц
Æддагполитикъон уагдон – Гуырдзыстоны æмæ Азербайджаны паддзахадон арæны хицауадон камисты экспертон къордтæ арæны æнæразы фадгуытыл иумæйаг куыст дарддæр кæнынц

Гуырдзыстоны æмæ Азербайджаны  Республикæйы  паддзахадон  арæны  хицауадон  камисты  экспертты  къордтæ   адарддæр кæндзысты  куыстытæ паддзахадон  арæны  æнæразы  фадугытыл –  уый  фæдыл  информацийы  хъусын кæны  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад.

Афтæдæр сæ информацийæ, цæугæ азы  20 августы  территорийыл  цæст ахастой  хъæу Вахтангисийы æмæ  Давит Гареджийы   моладзандонон  комплексы  алфæмбылæйтты.

«Эксперттæ æркастысты  дыууæ  бæстæйы   камисты  позицитæ  оæвæрд  фадгуытыл æмæ  раргом  кодтой  сæрмагонд цæстæнгас.  Гуырдзыстоны  экспертты къорд   бынатыл   райхæлдта азербайджайнаг  фарсæн сæрмагонд позици арæныл  хизыны  тыххæй. Куысты фæстиуджытæ лæвæрд æрцæудзысты  камисты сæрдæрттæм фæстæдæр  æркæсыны  тыххæй» –  хъусын кæнын  уагдоны.

Афтæдæр сæ информацийæ, фæдылдзог бонты  плангонд у аналогион  куыстыты  сæххæст кæнын   арæны   æндæр æнæразы  фадгуытыл.

«Экспертты кусæн фембæлд  фыццаг этапыл,  æнхъæлцау  адарддæр уыдзæн  23  агусты онг, цæй   фæстæдæр дæр сплан уыдзæн  баззайгæ  æнæразы   фадгуыты  сбæрæг кæныны дыккаг жтап,  гæнæн   цыбыр æмгхъуыдтæм.  Экспертон  фембæлдты фæуды фæстæ,   сплан уыдзæн  камисты фембæлд Тбилисы,  гæнæн ис  сентябры  дæргъы дæр» – хъусын кæнынц  министрады.