Æддагполитикон уагдон -  Æфсæддон транзит Гуырдзыстоны территорийы уылты нæ цæуы, тахтытæ кæцытæ æххæстæуынц Гуырдзыстоны  уæлдæфон тыгъдады, æрмæст гуманитрон æмæ æмбæстагон равгы сты
Æддагполитикон уагдон - Æфсæддон транзит Гуырдзыстоны территорийы уылты нæ цæуы, тахтытæ кæцытæ æххæстæуынц Гуырдзыстоны уæлдæфон тыгъдады, æрмæст гуманитрон æмæ æмбæстагон равгы сты

Æфсæддон  транзит   Гуырдзыстоны территорийы   уылты  не хæстæуы. Гуырдзыстонмæ  цы документаци ис,  уымæ  гæсгæйæ,  цы тахтытæ  æххæстæуынц Гуырдзыстоны  уæлдæфон тыгъдады, уыдон æрмæст гуманитарон  æмбæстагон  равгы  сты  æмæ æххæстæй æмбæлон Æмбæстагон авиацийы æхсæнадæмон организацийы (ÆАÆО) стандарттæм, – уый фæдыл   Гуырдзыстоны   фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Лаша  Дарсалиа  фехъусын кодта.

Лаша Дарсалиа  куыд банысан кодта афтæмæй,  зæгъгæ Карабахы эскалаци куы райдыдта  уыцы моментæй   Гуырдзыстон  баурæдта  æфсæддон  нысаниуæгы  уæзты транзит  сурзæххон æмæ  уæлдæфон фæндагæй,   куыд Азербайджаны афтæ  Сомихыстоны æрдæм.

Конкретон  уæзты ласæг  компаниты æмæ  сæхæдæг уæзты  хицæутты   бæрн у,   æххæст кæной  æхсæнадæмон  барады  нормæтæ  æмæ ма  фыдвæнд ма спайда кæной гуманитарон  къæлидорæй.  Фæнысангонд регуляцийы  халын раргомы цауы æмæ  бæлвырдгæнæнты ссарыны  цауы, Гуырдзыстон æмбæлгæ  реакци равдисдзæн, халджытæ та дзуаппмæ лæвæрд æрцæудзысты  æхсæнадæмон барады нормæтæм  æмбæлгæйæ,   уый нымæцы  (ÆАÆО)-ы раз», –  фехъусын  кодта  Лаша Дарсалиа.