20-21 июны фæзындты тыххæй, мидхъуыддæгты министрады иу кусæгы æрцахстой – уый фæдыл Гуырдзыстоны прокуратурæйы абоны брифингыл прокуррор, Кока Кацитадзе райхъусын кодта.
«20-21 июны Гуырдзыстоны парламенты бæстыхайы алфæмбылай территорийыл уагъд акцийы хицæн хайадисджыты æрдæм барадхъахъхъæнджыты æрдгæй æххæстбарты гæнæн фæуæлдайы фактыл, Гуырдзыстоны генералон прокуратурæйы цæугæ фæдæвзарæны фæлгæтты райсгæ бæлвырдгæнæнты бындурыо, ахст æрцыд Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады иу кусæг» – райхъусын кодта Кацитадзе.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, хъуыддагыл уагъд фæдæвзарæны фæстиуæгæн ист бæлвырдгæнæнтæй фæбæрæг ис, цæмæй 2019 азы 21 июны, боныцъæхыл, Руставелийы проспектыл мидхъуыддæгты министрады фæнысангонд кусæг, фæуæлдай кодта йæ кусæн æххæстбартæ æмæ физикъонæй бафхæрдта администрацион барадсасты тыххæй урæд уæнгы. Уагдон ацы факты æвдисæг видео дæр ахæлиу кодта.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, парламенты бæстыхайы алфæмбылай территорийыл цæугæ акцийы хицæн хайадисджыты æрдæм барадхъахъхæнджыты æрдгæй æххæстбарты гæнæн фæуæлдай кæныны хъуыддагыл, фæдагуырд активонæй дарддæр кæны Гуырдзыстоны генералон прокуратурæйы. Ацы этапыл æрфарст æрцыд сæдæга уæнг, цæуы хъуыддагыл райст видео-аудио бæлвырдгæнæнты бакуыст æмæ анализ, ист æрцыд хъуыддагæн нысаниуæгджын дзаума, сæ нымæцы барадхъахъъхæнджыты æрдгæй спайдагонд специалон фæрæзтæ. Нысангонд у тæрхонон-медицинон экспертизæтæ.