19 майы  Гуырдзыстоны иуæй-иу районты  уардзæн, гæнæн ис  арвнæрд, ихуард æмæ   фидар дымгæ дæр уа
19 майы Гуырдзыстоны иуæй-иу районты уардзæн, гæнæн ис арвнæрд, ихуард æмæ фидар дымгæ дæр уа

Æрдзы  националон агентады информацийæ, 19 майы   Гуырдзыстоны иуæй-иу  районы  уардзæн кæъвда,  гæнæн ис уа  арвнæрд,  ихуард æмæ   фидар дымгæ.

Афтæма  сæ информацийæ, 20-21  майы  Гуырдзыстоны  æнхъæлмæкæсинаг у  тæвд æмæ   сур боныгъæд.   Уæлдæфы температурæ  21  майы  ныгуылæн Гуырдзыстоны +32, +37 градус,  хурыскæсæн Гуырдзыстоны +30, +35  градусмæ схиздзæн.

«22 майы  боны дыккаг хайæ   ранæй-ран  уардзæн. Уæлдæфы  температурæ бæстæйы ныгуылæны  +25,+30 градусы онг æрхаудзæн, хурыскæсæн Гуырдзыстоны   +32,+37  градусмæ схиздзæн.

23-24 майы  Гуырдзыстоны  æнхъæлмæкæсинаг  у  рæстæгæй-рæстæгмæ  цыбырæмгъуыдмæ къæвда æмæ арвнæрд, ранæй-ран гæнæн ис  ихуард. Ныгуылæн Гуырдзыстоны  фæуазалдæр уыдзæн,  хурыскæсæны та  уæлдæфы  бæрзонд температурæ (+30,+35 градус)  лæудзæн.

Тбилисы 19-22 майы  тæвд æмæ  сур боныгъæд  уыдзæн, 23-24  майы  гæнæн ис, цыбырёмгъуыдон къёвда  уёлдёфы температурё  +33,+35  градус сфиксир уыдзён. 19 майы   дымдзён   цёгат-ныгуылёны  ёрдём фидар дымгё»  банысангонд у  ёрдзы националон  агентады  информацийы.