16-18 марты Гуырдзыстоны  уæлдæфы температурæ нысаниуæгджынæй  схъарм уыдзæн
16-18 марты Гуырдзыстоны уæлдæфы температурæ нысаниуæгджынæй схъарм уыдзæн

Гуырдзыстоны æрдзы  националон   агентады   информацийæ, 16-18  марты  Гуырдзыстоны  æнхъæлмæкæсинаг у  температурæйы  нысаниуæгджын  рæзт.

Афтæма сæ информацийæ,   æнхъæлмæкæсинаг у  афтæдæр   рæстæгæй-рæстæгмæ  къæвда.

«Уæлхох  рæтты  митуард, ранæй-ран   фидар, гæнæн ис тымыгъ, 18 марты  ныгуылæны æрдæм   фидар дымгæ, денджызыл  3-4  баллы   шторм. Хохджын  рæтты  уæлдæфы температурæйы  æнхъæлмæкæсинаг  рæзты тыххæй  миты интенсивон тайыны  тыххæй  æмæ  уимæ иумæ  къæвда,  Гуырдзыстоны цæугæдæтты  доны бæрц  фæфылдæр уыдзæн,  ныгуылæн Гуырдзыстоны  чысыл цæугæдæтты  уыдзæнис донивылдтæ,  бæстæйы  уæлхох  рæтты та,  зæйы сæвзæрд  æмæ  сыджытлæсæн   процессты активвизаци», –  хъусын кæнынц   æрдзы националон   агентады.