Зынгирвæзты тыххæй, Лос-Анджелесы хуссары уæвæг цæрæн рæттæй, сæххæст ис 12 мины онг адæймагы эвакуаци
Калифорнийы хъæды массивтæ судзынц. Зынгирвæзты тыххæй, Лос-Анджелесы хуссары уæвæг цæрæн рæттæй, 12 мины онг адæймагы эвакуаци скодтой.
Арт ахæлиу ис 15 квадаратон километрыл. Стихий ныридæгæн скуынæг кодта цалдæр цæрæн хæдзар.
Хъæды массивты ахæлиугонд зынгирвæзт бæстæйы 13 штаты фиксир кæны. Стихий æмтгæй райсгæйæ æрдæг милуаны онг гектар фæзуат скуынæг кодта.