Зураб Чхаидзе – мæнæн   зынæмбарæн  у польшайаг дохтыр, æрмæгы рахæссыны  куы бацархайдта, уымæн хуызæгы сисын  сын ничи тобæ кодта, æрмæтс уый хъуамæ  æрцыдаит закъонон  фæндагæй
Зураб Чхаидзе – мæнæн зынæмбарæн у польшайаг дохтыр, æрмæгы рахæссыны куы бацархайдта, уымæн хуызæгы сисын сын ничи тобæ кодта, æрмæтс уый хъуамæ æрцыдаит закъонон фæндагæй

Мæнæн  зынæмбарæн у, нæй мæм  дзуапп польшайаг   дохтыры æрмæг рахæссыны  архайдыл, уымæн æмæ   хуызæг  сисын  сын ничи тобæ кодта, æрмæст  уый хъуамæ æрцыдаит  закъонон фæндагæй, –  уый фæдыл «Вивамедийы»   клиникон    директор, Зураб Чхаидзе  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн  фехъусын захта.

«Мæ  бон у  сбæлвырд кæнын, цæмæй  бынат уыд   ацы хъыгаг фактæн.   Уыдон стæй  æркуырдтой  официалонæй,  кæцы æнæлегалонæй  сарызтой.   Мæнæн  нæу  мæ бон  зæгъын  уыцы  хуызæгты фæдыл.  Цы æркуырдтой  уыцы биологион æрмæг  мах,  протоколмæ  æмбæлгæйæ, систам  дыууæ  экземплярæй. Иу лæвæрд уыд удонмæ æмæ иу  та ныууагъдтам нæхимæ.  Уыцы  æрмæг та æнæмахæй  систой. Ис æмбæлгæ протокол уый тыххæй.  Пациентæй  биологион æрмæг  сисын сæ куы фæнды, уæд сæм хъуамæ уа   куырдиат, уый  хъуамæ  сырæза  дохтыртимæ æмæ æндæр уæнгтимæ  иумæ, кæцы  нæ  уыдис фыццаг   цауы.  Нæдæр никæмæн загътой  уый фæдыл.  Фæлæ  стæй, куы  айхъуыстис  æмæ  рабæрæг ис, цæмæй  æнæлегалонæй систой  æрмæг,  бамбарын сын кодтам, цæмæй  хъуыдис  барлæвæрд, æнæмæнгхъæугæ уыд алы  фæтк сыххæст  кæнын,  кæцы   фæстагмæ сыххæст ис.

Мæнæн  зынæмбарæн у, æцæгæй  куы зæгъон   нæй  мæм  дзуапп  уыцы   хъуыддагыл, уымæн æмæ   сын ничи тобæ кодта.  Барлæвæрд уыдис.  Цы æркуырдтой, уыцы   хуызæгтæ сæм раттам.  Уыдоны биологион æрмæг сисын. Кæд  истææй цымидис кодтой, уый проблемæ сын нæ уыд, æрмæст   дзы хъуамæ æрцыдаит  закъонон фæндагæй», –  райхъусын кодта  Зураб Чхаидзе.

Пенитенцион куыст 14  июлы ахæлиу кодта информаци, ома иуæй-иу   польшайаг дохтыр   ахæст Михеил Саакашвилийæ  ист  æрмæг   гæххæтты  батыхта  æмæ  бахъавыд  уый сусæгæй   рахæссын  йæ  къахыдарæсы æмбæхстæй.