Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министр Зураб Азарашвили, Туркмæ официалон визиты фæлгæтты фембæлдис туркаг коллегæ Фахретин Кочаимæ.
Æнæнизхъахъхъæды министрады пресс-куысты хъусинагæй, дыууæфарсон фембæлдыл хъусдард здæхт уыд Турк æмæ Гуырдзыстоны æхсæн стратегион партнерадмæ.
«Фарсытæ æнæнизхъахъхъæды сферæйы уæвæг иуæймаг проекттæ æркастысты æмæ æмгуыстады дарддæр рапарахаты фадæттыл фæуынаффæ кодтой. Фембæлдыл сæйраг акцент арызт уыд Туркæйы Гуырдзыстонмæ хæрзгъæд медикаментты импортыл.
Фарсытæ медицинон лæггады æмæ фармацевтон къабазы ноджы иу æнгом æмгуыстадыл æрныхас кодтой. Сплан кодтой Турчы æнæнизхъахъъхæды министры визит Гуырдзыстонмæ», – банысангонд у æнæнизхъахъхъæды министрады пресс-куысты информацийы.