Зураб Абашидзе, Тбилисы уырыссаг культурæйы центры баконды фæдыл информаци нæ бæлвырд кæны æмæ дзуры, цæмæй зæгъгæ ахæм центры бакæнын пълангонд нæу
Уæрæсеимæ ахастыты фарстаты гуырдзыстоны премьер-министры специалон минæвар Зураб Абашидзе Тбилисы уырыссаг культурæйы центры байгомы фæдыл ахæлиугонд информаци нæ бæлвырд кæны.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм центры байгом плангонд нæу.
«Информаци уый тыххæй, цæвиттон Швейцарийы минæварады уæвæг Уæрæсейы интересты секцийы байгом ис Уæрæсейы культурæйы центр, раст нæу. Ацы информаци нæ бæлвырд кæны æмæ уый сбæрæг кæнын тынг æнцон у Швейцарийы минæварадмæ сидты фæрцы. Иунæг паддзахадон уагдонæн дæр ахæм инициативæимæ бастдзинад нæ уыд, уый фæдыл раздæрдæр дзырдтам. Иуæй-иу коммерцион структурæмæ, кæцы 2014 азæй уадзы уырыссаг æвзаджы бацахуыры курсытæ, уыд тынг стыр интерес æмæ фæстагмæ сбæлвырд кодтой, цæмæй ахæм хуызæй куыст апарахат кæнын нæ хъавынц. Æнæуый мах гуманитарон цæдисты, базарады æмæ туризмы ныхмæ не стæм . Фæлæ кæцыфæнды азæм фарста æркæсын хъæуы паддзахадон æмвæзадыл. Ноджы иу хатт бæлвырд мæ бон зæгъын у, цæмæй ахæм центры байгом кæнын пълангонд нæу», – райхъусын кодта Зураб Абашидзе.
Афтæма, центры бакæныны фæдыл информаци ацух кодтой Гуырдзыстоны Швейцарийы минæварады Уæрæсейы интересты секцийы.