Зураб Абашидзе - Ныфс мæ ис, æндæр бæстæйы пропагандистон риторикæйæн нæ бакомдзыстæм
Уæзты таможнæйы мониторингы темæйыл сом Женевæйы иумæйаг, гуырдзиаг-уырыссаг-швейцариаг камисы фыццаг кусæн фембæлд сырæздзæн. Гуырдзиаг фарсы æрдгæй фембæлды хайад райсдзысты, фæсарæн хъуыддæгты, мидхъуыддæгты æмæ юстицийы министрадты минæвæрттæ.
Йембæлдмæ гæсгæ уырыссаг медиа-фæрæзты ахæлиугонд информациты, сæ нымæцы фидиуæнты, цæмæй 2011 азы бадзырды имплементацийы фæстиуæгæн гæнæн ис, оккупацигонд территориты уылты уæзты транзит райдайа, Фыццаг Къаналимæ ныхасы рæстæджы, Уæрæсеимæ ахастыты фарстаты уырдзыстоны премьер-министры специалон минæвар Зураб Абашидзе ратта дзуапп.
«Ныфс мæ ис, æндæр бæстæйы пропагандистон риторикæйæн нæ бакомдзыстæм æмæ банхъæлмæ кæсдзыстæм фембæлды фæстиуджытæм. Гуырдзиаг фарс архайдзæн 2011 азы бадзырды бындурыл, Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады æмæ суверенитеты принциптыл æнцойæ» – райхъусын кодта Абашидзе.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, райдайы 2011 азы бадзырды имплементацийы этап æмæ гуырдзиаг фарс растдæр азты размæ къухæвæрд документмæ æмбæлгæйæ бацархайдзæн.
Цыдæриддæр та, оккупацигонд территориты уылты уаргъты транзиты гæнæн райдайынмæ æххæссы, Абашидзе æмбарын кæны, цææмй бадзырд йæ хъуыдыйы нæ дары кæлидоры автоматонæй багойм кæнын.
«Ацы бадзырд йæ хъуыдыйы нæ дары уый æмæ кæълидор автоматонæй фегом кæндзыстæм. ДЗырдæуы уаргъты мониторингыл, кæд исты ацæудзæн Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн ууыл. Æмтгæй райсгæйæ, ацы къæлидорты байгом –ма байгом у бынтон æндæр фарста æмæ кæд фидæны райст æрцæудзæн уынаффæ уый тыххæй, уæд уый уыдзæн хицæн политикъон къахдзæф» – бафтыдта ма Зураб Абашидзе.
Гуырдзыстон-Уæрæсейы æхсæн уаргъты таможнæйыл мониторинг йæ хъуыдыйы дары 2011 азы къухæвæрд бадзырд. МОниторингы хъуамæ æххæст кæна швейцариаг компани «Эс Джи Эс» (SGS).