Зураб Абашидзе – Оккупацигонд территоритыл сырæзт уавæры тыххæй нын Григорий Карасинимæ абон дæргъвæтин ныхас уыд
Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Григорий Карасинимæ фембæлдыл Прагæйы ныхас баххæсыд оккупацион хаххыты цур, уæвæг геативон фæзындтæм дæр – уый фæдыл Фыццаг Къаналæн фехъусын кодта Уæрæсейыимæ ахастыты Гуырдзыстоны премьер-министры специалон минæвар Зураб Абашидзе.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, гуырдзиаг фарс, сæрмагонд позици ноджы иу хатт равдыста.
«Цыдæриддæр та медийы ахæлиугонд Григорий Карасины фидиуæнмæ æххæссы, – «Мæ месидж у æнæивгæ – æнæкæсгæ зындзинæдтæм, хъуамæ адарддæр кæнæм ахастыты рæзын кæнын, афтæдæр мæ фæнды бафæдзæхсын мæ гуырдзиаг коллегæты уыцы гæнæн æнæнхъæлæджы цауты фæдыл, кæцытæ æнæхцон сты дыууæдæр бæстæйæн»Зураб Абашидзе райхъусын кодта, цæмæй зæгъгæ ацы коментари никуы фехъуыста.
«Æз нæ фехъуыстон ацы комментари, нæ фембæлдыл ахæм редакцийæ уый фидиуæн нæ сарызта. Уый фæнызас кодта Гуырдзыстоны НАТО-имæ æмгуыстадыл уыцы контексты, кæцыйы дæр раздæр æнæ иу хатт сарызта зæгъæн ис нæ алы фембæлдыл. Сæ ахаст махæн бæрæг у. Уыдон æппæрццагæй кæсынц æмæ аргъ кæнынц уымæн, фæлæ нæ дзуапп ацы цауы у ахæм, æмæ ацы форматы мах не ркæсæм уыцы темæтæ, кæцытæ дæр æххæссынц нæ ахастытæм æртыккаг бæстæтимæ æмæ æхсæнадæмон организацитимæ. Уый хицæн темæ у æмæ уый у бархи паддзахады суверенон барæвзар, кæйимæ æмæ цы дозæйæ æмæ æмкуыст кæна. Уымæй иу фæуд кæнæм нæ ныхас. Фæлæ сæ позици махæн бæрæг у, æмæ гæнæн ис, уый дартта йæ хъуыдыйы, фæлæ ахæм формæйæ æмæ ахæм тонæй уый ацы комментари махимæ фембæлды рæстæджы нæ сарызта» – банысан кодта Зураб Абашидзе.
Зураб Абашидзе Фыццаг Къаналимæ ныхасы рæстæджы йæ хъусдард раздæхта Карасинимæ абоны фембæлды райдианы æрдæм. Абашидзейы дзырдæй, Прагæйы фембæлд æртæ сахат аххæссыд, кæцы фылдæр, базарадон-экономикон фарстатыл ныхасмæ баххæссыд, фæлæ уæдмæ оккупацион хаххы цур уæвæг уавæр æркастысты.
«Мах фылдæр акцент сарызтам уыцы вазыгджын уавæрыл, кæцы сырæзт оккупацигонд территоритыл – регионты милитаризаци, бынæттон цæрджыты барты гуырымыхъхъ састы цаутæ, иттæг негативон фæзындтæ, кæцы фæстаг рæстæджы æрцыд оккупацион хаххыл. Æнæкæсгæ уымæ цæмæй ай нæу нæ боны фæткæй бæрæг, нæхи нæ айстам ацы темæтæй æмæ спайда кодтам ацы фадатæй» – райхъусын кодта Зураб Абашидзе.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, оккупацион хаххыл адæймæгты змæлд бонæй-бон зындæр кæны, Цхинвалы регионимæ та уавæр бирæ вазыгджындæр у, Абхазийы ардæмадимæ абаргæйæ.
«Фактонæй, изоляцийы сты бынæттон цæрджытæ. Ацы темæтыл нын дæргъвæтин ныхас уыд. Мæ уырыссаг коллегæйы реакци, куыд уаг, ахæм комментариты æмæ фидиуæнтыл у уый æмæ уый æппæтæн арызт у специалонæй Женевæйы формат æмæ ацы темæйы уым хъуамæ æркæсой. Уый афтæ у, фæлæ мах хъуамæ пайда кæнæм алы фадатæй»- банысан кодта Зураб Абашидзе.