Знон æхсæвы Уæрæсе æнæпилотон тæхæг аппараттæй Киевмæ æрбабырста, Украинæйы хъахъхъæнынады тыхтæн бантыст уыдонæй 30 скуынæг кæнын
Знон изæр, уæрæсейаг фарс Киевмæ æнæпилотон тæхæг аппараттæй æрбабырста. Украинæйы хъахъхъæнынады тыхтæн бантыст уыдонæй 30 бæрц скуынæг кæнын. Бæрæг ран бырон кæй æрхауд, уый тыххæй зынгсирвæзт æрцыд.
Сæрмагондæй, Киевы æхсæз районы хæдзæрттæ æмæ машинæтæ бахъыгдард сты. Фæцæф сты дыууæ адæймаджы. Ай фæдыл Киевы горæтон-æфсæддон администраци парахат кæны информаци.
Украинаг медийы информацийæ, зынгсирвæзты иу хай ныридæгæн баурæдтой.