Змæлдыл тобæйы  гæнæн фæрогдæр кæныныл координацион совет  абон фæуынаффæ кæндзæн
Змæлдыл тобæйы гæнæн фæрогдæр кæныныл координацион совет абон фæуынаффæ кæндзæн

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы  фидиуæнæй,   зæгъгæ   лæмбынæг сæ цæстдарынц  бæстæйы  уæвæг эпидемиологион уавæрмæ.

Афтæма  йæ ныхæстæм гæсгæйæ,  змæлдыл тобæйы гæнæн фæрогдæр кæныны фæдыл, координацион совет абон фæуынаффæ кæндзæн.

«Хицауады рабадты  фæстæ  нын уыдзæн координацион советы   рабадт.  Кæй зæгъын æй хъæуы,  лæмбынæг нæ цæстæ дарæм  эпид-уавæрмæ, æнæнизхъахъхъæды министрады  системæ  эффективонæй контрол кæны  уавæр.  Зондзыстут æй, сæрды  æрлæуудимæ иумæ,  бæстæйы  иу  фылдæр кæны  туристты  нымæц. Нысаниуæгджын  у, хицауад адекватон  мадзæлттæ иса,  туристты бæстæмæ  æрбацыдæн.  Бирæ хъæстытæ  нæм  цæуынц  уый тыххæй,  цæмæй   змæлдыл тобæ  тынг фæлмæцынгæнæг у.  Уый  фæдыл фæуынаффæ кæндзыстæм,  рахæсдзыстæм æмбæлгæ  уынаффæ    уымæ гæсгæйæ, цæмæй   цавæр   рекомендацитæ  уыдзæн  æнæнизхъахъхъæды министрадæй», –   райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.