Жозеп Борел Одессæйы историон центрыл Уæрæсейы хафтыты æфсæддон фыдракæндæй хоны
Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар Жозеп Борел, Одессæйы историон центрыл Уæрæсейы сæххæст хафты æфсæддон фыдракæндæй хоны.
Уый фæдыл æддагон поллитикæйы æмæ æдасдзинады фарстаты евроцæдисы бæрзонддæр минæвар социалон хызаг «Твиттеры» ныффыста.
«Æнæруромгæ ракетон террори Юнескойы хъахъхъæды бын уæвæг Одессæйы ныхмæ у Кремлы радон æфсæддон фыдракæнд, кæцыйы фæстиуæгæн афтæдæр ныппырх ис горæты сæйраг рæстдинон аргъуан, Дунейы культурон бындарады цырт. Украинайы скуынæгы архайдæй Уæрæсе нырид базиан кодта сæдæгай культурон цырт», – фыссы Жозеп Борел.
Бакой уын кæндзстæм, æхсæвы Уæрæсейы тыхты фидар бырст сыххæст кодтой Одессæйы центрыл. Ракетон хафтыты фæстиуæгæн амард иу æмæ фæцæф сты 22 адæймаг, сæ нымæцы цыппар сывæллон. Пырх сты æхсæз цæрæн хæдзар. Афтæма Одессæйы сеппæтæй стыр рæстдиннон кафедралон аргъуан.