Жозеп Борел Одессæйы историон центрыл Уæрæсейы  хафтыты  æфсæддон  фыдракæндæй  хоны
Жозеп Борел Одессæйы историон центрыл Уæрæсейы хафтыты æфсæддон фыдракæндæй хоны

Евроцæдисы   бæрзонддæр   минæвар   Жозеп Борел, Одессæйы  историон   центрыл   Уæрæсейы сæххæст   хафты   æфсæддон фыдракæндæй  хоны.

Уый фæдыл  æддагон поллитикæйы  æмæ æдасдзинады фарстаты  евроцæдисы  бæрзонддæр минæвар   социалон хызаг «Твиттеры»  ныффыста.

«Æнæруромгæ   ракетон    террори   Юнескойы   хъахъхъæды  бын   уæвæг Одессæйы ныхмæ у   Кремлы радон   æфсæддон фыдракæнд, кæцыйы фæстиуæгæн    афтæдæр   ныппырх  ис горæты сæйраг рæстдинон   аргъуан, Дунейы культурон  бындарады  цырт. Украинайы   скуынæгы  архайдæй  Уæрæсе нырид базиан  кодта   сæдæгай  культурон цырт», –  фыссы Жозеп Борел.

Бакой уын кæндзстæм, æхсæвы Уæрæсейы тыхты  фидар бырст  сыххæст кодтой  Одессæйы  центрыл. Ракетон   хафтыты   фæстиуæгæн  амард иу æмæ фæцæф сты 22  адæймаг, сæ нымæцы  цыппар сывæллон.  Пырх сты   æхсæз  цæрæн хæдзар. Афтæма   Одессæйы   сеппæтæй   стыр  рæстдиннон  кафедралон аргъуан.