Жозеп Борел – моралон, политикон æмæ æфсæддон цæстæнгасæй дæр, Уæрæсе хæсты саст ййафы
Моралон, политикон æмæ æфсæддон цæстæнгасæй Уæрæсе хæсты саст ййафы, – уый фæдыл фидиуæн сарызта, æддагон политикæ æмæ æдасдзинады фарстаты Евроцæдисы бæрзонддæр комиссар, Люксембургы Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министериалы размæ. Борел афтæдæр комментари сарызта Киевмæ Уæрæсейы сæххæст бырсты фæдыл.
«Абоны фембæлдыл сæйраг фарста уыдзæн Украина, кæцæй дæр абон тынг æвзæр хабæрттæ фехъуыстам. Сæумæрайсом уæззау бырст сæххæст ис Киевыл, дронтæй. Абон æрксдзыстæм уæвæг уавæр æмæ кæцыдæр мадзæлттæ скæндзыстæм. Сегасæй ахсджиаг уынаффæ, кæцы рахæсдзыстæм æххæссы Украинайæн æфсæддон æххуысы ног траншмæ æмæ ахуырадон миссимæ. Ныфс мæ ис, алчи уыдзæн разы. Хæсты социал-экономикон фæстиуджытæ дарддæр кæнынц уый рахатинаг у æппæт дунейы. Уæрæсе бонæй бон фылдæр изоляци кæны, ИНО-йы генералон ассамблейыл халæппæрсты рæстæджы куыд федтам, афтæмæй. Моралонæй, политиконæй æмæ æфсæддон цæстæнгасæй дæр, ацы хæсты Уæрæсе саст ййафы. Хъуамæ адарддæр кæнæм Украинайæн æххуыс», – райхъусын кодта Борел.
Жозеп Борел куыд банысан кодта афтæмæй, Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министрты рабадты абон Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министр Дмитро Кулеба дæр райсдзæн хайад.