Æддаг хъуыддæгты æмæ æдасдзинады политикæйы фарстаты Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар Жозеп Борел Киевмæ ныццыд.
Жозеп Борел «Твиттеры» куыд фыссы афтæмæй, хæсты райдаыны фæстæ уый йæ цыппæрæм визит у Украинамæ.
«Æз ам дæн, цæмæй фæуынаффæ кæнæм нæ украинаг хæлæрттимæ Евроцæдисы æнæцудгæ æххуысыл Украинайæн – æфсæддон, финансон сферæйы Украинайы ног фадæттæ æмæ афтæдæр реформæтæ Евроцæдисмæ фæндагыл», – фыссы Борел.