Жозеп Борел абон  хайад райсдзæн европарламенты  плангонд дебатты
Жозеп Борел абон хайад райсдзæн европарламенты плангонд дебатты

Æддагон æмæ  дасдзинады фарстыты  Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар, Жозеп Боррел абон  хайад райсдзæн  европарламенты плангонд дебатты. Дебаттæ  Уæрæсейы  уæвæг уавæры æмæ  Борелы  Мæскуымæ  визиты фæдыл уыдзысты.  Информаци хъусын кнæы  европарламенты  пресс-куыст.

Дебатты рæстæджы  депутаттæ Алексей Навальныйы  æрцахсты фарст,  афтæма Уæрæсейы  ацæугæ акциты рæстæджы  массон  æрцахстыты,  дипломатты  раддæдуар кæныны  æмæ Жозеп Борелы  визит æркæсдзысты.

Æддагон æмæ  дасдзинады фарстыты  Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар Мæскуыы официалон визитæй  уыд ивгъуыд къуырийы.  Борелы Мæскуымæ визиты рæстæджы, Уæрæсе  æртæ европаг  дипломаты,  Навальныйы фарсхæцæг акцийы   хайад райсыны  тыххæй  бæстæйæ  аддæдуар кодта.