Жюрийы уынаффæйæ Тамар Эдилашвили рацæудзæн Евроуынынады конкурсы зарæгæй «Дæ Хъæлæс»
Жюрийы уынаффæйæ Тамар Эдилашвили, Евроуынынады зарæджы 16-æм сабион конкурсыл рацæудзæн зарæгæй «Дæ хъæлæс (Шени Хма)», – уый фæдыл бæрæг ссис Фыццаг Къаналы алæвæрд «Ног Боны».
Конкурсон зарæджы автор у, Сопо Тъорошелидзе, текст ныффыста Алекснадре Лорткипанидзе.
Фыццаг Къанал 2018 азы Сабион Евроуынынадмæ расидтис зарæджы конкурс.
22 куырдиатæй, композици «Дæ хъæлæс» равзæрстой хъæлæскæнынады фæрцы. Жюрийы сконды уыдысты – композитор Давит Эвгенидзе, зарæггæнæг Сопо Халваши, зарæггæнæг Нодико Тъатъишвиили, режиссер Заза Орашвили, вокалы педагог Манана Морчиладзе æмæ Фыццаг Къаналы проектты тынгады куысты къухдариуæггæнæг, Лана Кутателадзе.
Тамар Эдилашвили у сабион музыкалон проект «Ранинайы» уæлахиздзау. Уый Гуырдызстоны номæй рацæудзæн Евроуынынады сабион 16-æм конкурсыл.
Сабион Евроуынынад 2018 сырæздзæн Белорусы. Масштабон шоу Минскъы, лæвæрд æрцæудзæн 25 ноябры.