Заал Удумашвили  радзырдта оппозицийы   пъланты фæдыл
Заал Удумашвили радзырдта оппозицийы пъланты фæдыл

Акцитæ дарддæр кæндзысты,  протест уыдзæн  ноджы карздæр – уый фæдыл  «Националон Змæлды»  уæнг Заал Удумашвили   райхъусын кодта, кæцы   дзуапп  ратта   фарстæн зæгъгæ  «цы хъавы оппозици,  кæд ЦÆК-ы сæрдар Тамар  Жваниа  аст сахаты онг йæ куыстæй  йæхи нæ сисдзæн уæд».

Удумашвилийы   дзырдæй,   протест  ноджы  фæкарздæр уыдзæн, уымæн æмæ  бæстæйы   фидæн   лæууы  арæныл.

«Кæд исчи æнхъæлы, цæмæй   баффæлайдзыстæм,   уæд  тынг рæдийы.  Барæныл  ис ныр сегасдæр нысаниуæгджын,  барæныл æвæрд у  ацы бæстæйы  фидæн.  Афтæмæй,  ацы протест   ноджы фæкарздæр  уыдзæн.  Уынут, цас адæм   рацыд   уынгмæ.  Ноджы  та фылдæр рацæудзæн,  уымæн æмæ ацы  адæм  курынц  сæрибардзинад æмæ  æнæмæнгæй баххæсдзысты  ацы ивддзинæдтæм. Ндæр пълан нæй» – райхуъсын кодта  Заал Удумашвили.

Журналисты фарстыл  зæгъгæ» кастæуы æви нæ уыцы  пълан,  кæцыйыл  телефонон ныхасы  оппозицийы  лидертæ   дзырдтой»  Удумашвилиахæм дзуапп дæтты :»Нæйы, революци нæ пълан кæны».

Парламенты  раз цæугæ акцийыл «Националон Змæлды»  Глданы  мажоритартæм  кандидат, ника Мелиа  райхъусын кодта,   цæмæй  «Аст сахатмæ  Иванишвили   йæ куыстæй  сисæт  Тамар Жваниайы  æмæ  оппозициминæвæрттæ  цæттæ сты, Иванишвилиимæ  ног æвзæрстытæ ауадзыны фæдыл  фембæлынмæ» .