«ВВС» бæлццонон фарсыл публикаци кæны Кацхийы айнæгы фæдыл стати. Бритайнаг рауагъдады журналист, Прианка Шанкар Гуырдзыстоны абалц кодта æмæ кæсджытæн радзырдта Имереты регион йыл цы тæлмæн скодта, уый фæдыл. Статийы дзырд ис Чъиатурайы муниципалитеты уæуæг Кацхийы айнæгы æмæ моладзандоны фæдыл, кæцымæ бирæ туристтæ фæцæуынц.
Статийы дзырдæуы моладзанты цардуагы фæдыл æмæ Кацхийы айнæгы моладзандон сæндидзын кæныны истори.
«Историкты хъуыдымæ гæсгæ, моладзантæ Кацхийы айнæгыл архайын райдыдтой 10-æм æнусæй. Османты бабырсты рæстæджы ис айнæгмæ нал цыдысты. Моладзандоны уавæр 1944 æбæрæг уыдис. Растдæр ацы аз Кацхийы айнæгмæ схызтысты, гуырдзиаг фыссджытæ, Леван Готуа æмæ Акаки Белиашвили, архитектор Вахтанг Цинцадзе æмæ альпинист Александре Джапаридзе, уыдон ссардтой аргъуаны кæлддзæгтæ. Экспедицийы уæнгтæ аргъуаны кæлддзæгтæй уæлдай ма ссардтой æртæ келья (моладзанты цæрæн уат) æмæ сæны æвæрæн.
Моладзандоны ногæй ссарынæй цалдæр дæсой азы фæстæ, 1990 азты райдайæны, Гуырдзыстоны культурон бындарады хъахъхъæды национ агентады æххуысæй, моладзан Максиме Катарадзе бынæттон цæрджытимæ иумæ ногæй сарызтой аргъуан. Смонтаж кодтой 40 метры дæргъæн æфсæйнаг асинтæ», – фыссы «ВВС»-ы журналист.