Ираны ивгъуыд æхсæв протестон акцийы рæстæджы дæсы онг адæймаг фæмард

Ираны ивгъуыд æхсæв,  акцийы  хайадисджыты  æмæ  æдасдзинады  тыхты æхсæн  быцæудзинады  фæстиуæгæн фæмард  дæсы онг адæймаг –  уый фæдыл информацийы  бынæттон медийыл  æнцойæ  хæлиу кæны ВВС.

Медиафæрæзы  хъусинагæй,  демонстрациты  рæстæджы фæмардуæвджыты нымæц  райрæзт 22 ы онг.

ВВС-йы  хъусинагæй  æхсæз  растгæйы  уыцы  рæстæджы амардтой, полицийы  иуæй-иу  хайадæй   æхсæнгарз адавын куы архайдтой уæд.

Протестон акцитæ  Ираны,  æргъты рæзты æмæ  коррупцийы ныхмæ   ивгъуыд  азы  28 декабрæй   райдыдтой æмæ абоны  онг дарддæр кæнынц.

ВВС-йы хъусинагæй,   демонстрациты  рæстæджы, сæдæгай  адæймагы  æрцахстой.