Воронежы губернаторы хъусинагæй «Вагнеры» хайадтæ облæсты территори æнæэксцесстæй уадзынц
Хицæн сæрмагонд компани «Вагнеры» хайадтæ Воронежы облæсты территори æнæэксцесстæй уадзынц. «ВВС» куыд фыссы афтæмæй, уый фæдыл облæсты губернатор Александр Гусев хъусын кæны.
«Цæуы хицæн æфсæддон компани «Вагнеры» хайадты змæлд Воронежы облæсты территорийыл. Уый цæуы штатон режимы æмæ æнæэксцесстæй», – фыссы губернатор социалон хызаджы.
Губернаторы хъусинагæй, регионы алы арæнæвæрд ситуацийы фæстагмæ æрсабыры фæстæ аивдзысты.
Бакой уын кæндзыстæм, знон «Вагнеры» хæцджытæ Ростовы æмæ Воронежы æфсæддон объекттæ бацахстой æмæ Мæскуыйы æрдæм фæцæйцыдысты. Фæстагмæ бадзырды фæстиуæгæн æххуырс хæцджыты колоннæтæ сæ лагерты æрдæм аздæхтысты.