Володимир Зеленски НАТО-ы саммитмæ баздæхт, - Макуыуал  нын зæгъут, цæмæй не æфсад  нæу стандарттæм æмбæлон
Володимир Зеленски НАТО-ы саммитмæ баздæхт, - Макуыуал нын зæгъут, цæмæй не æфсад нæу стандарттæм æмбæлон

Макуыуал  нын зæгъут, цæмæй не æфсад  стандарттæм æмбæлон нæу –  ацы ныхæстæй  баздæхт  Украинайы  президент  Володимир Зеленски  НАТО-ы  саммитмæ.

Афтæма  йæ  дзырдæй,  зæгъгæ украинаг хæцджытæ, кæцытæ  нырид иу мæй у уырыссаг агрессийы  ныхмæ  хæцынц,   сбæлвырд кодтой, куыд бирæ  саразын хъом у Украина Европæ æмæ  Дунейы æдасдзинадæн.

Уыимæ Володимир Зеленски куыд загъта афтæмæй, зæгъгæ «Уæрæсе Украинайыл ныллæууын  нæ хъавы,  фæлæ ма йæ  ноджы дарддæр аххæссын  фæнды».

«О, уый у  раст,  не стæм альянсы – хъахъхъæнынады æрдгæй  сегасдæр  тыхджын иугонды.  Ахæм æнкъарæн мæм ис, цæмæй фæныкгъуызонæйы стæм, ныгуылæн æмæ Уæрæсейы  астæу, фæлæ  хъахъхъæнæн нæ иумæйаг  аргъдзинæдтæ.  Нырма  24  февралы  ум æрбаздæхтæн æргомæй, логикон куырдиатимæ, баххуыс  нын кодтаиккат  уæларв æрыхгæды  цыфæнды  форматæй.  Баиргъæвстаиккам  нæ æмбæстæгты  уырыссаг бомбæтæй  æмæ ракетæтæй.  Фæлæ нæм дырыс  дзуапп нæ уыд.  Бирæ къаддæр авиаци  нын ис  Уæрæсемæ абаргæйæ.  Уый тыххæй  сæ уæлидзинад арвы  у  массон  скуынæгы  хæцæнгарз.  Уырнæг дæн,  æмбарут, цææмй Уæрæсе Украинайыл ныллæууын нæ хъуыды кæны.  Нæ хъуыды кæны æмæ  нæ  хъавы.  Уый  фæнды   дарддæр ацæуын – НАТО-ы  хурыскæсæн Европæйы  уæнгтæм.  Балтийы  бæстæтæ, Польшæ – уый бæлвырдæй.  Мах та хуымтæгæй  нæ  адæмы  аирвæзын кæнын  фæнды», –   райхъусын кодта Володимир Зеленски.