Володимир Зеленски – Иран сайы, куы дзуры, цæмæй  Уæрæсейы  чысыл нымæцæй æнæпилот тæхæн аппараттæ ратта, æрвылбойнонæй  мах  10 аппараты  куынæг кæнæм
Володимир Зеленски – Иран сайы, куы дзуры, цæмæй Уæрæсейы чысыл нымæцæй æнæпилот тæхæн аппараттæ ратта, æрвылбойнонæй мах 10 аппараты куынæг кæнæм

Иран сайы,  куы дзуры, цæмæй  Уæрæсейæн чысыл нымæцæй  æнæпилот тæхæн аппараттæ  радта,  æрвылбойнонæй мах   10 аппараты куынæг кæнæм, – уый фæдыл  Украинайы президент  Володимир Зеленски  видеосидты рæстæджы   загъта.

Зеленски  æрсидтис украинæгтæм, финансон баххуыс кæной  æнæпилот тæхæн аппаратты денджызон флот саразыны инициативæйæн.

Украинайы президент  ма афтæдæр банысан кодта, цæмæй  æввахс къуыриты  æнхъæлмæ кæсинаг  сты   дзæбæх хабæрттæ  Украинайы   уæлдæфон хъахъхъæды  æмæ ракеты ныхмæ  хъахъхъæды æрдгæй.

«Абон уыдис хъусинæгтæ Иранæй,   официалон   минæвæрттæй.   Уыдон аскуыддзаг кодтой  басæттын, ома ифтонг  кодтой  хæдтæхджытæй  уырыссаг террорæн, фæлæ  уæддæр фæсайдтой.  Æрвылбойнонæй    рыппарæм  иууыл цъус  дæс    ирайнаг  хæдтæхæджы æмæ  Ираны  режим та  хъусын  кæны,  цæвиттон   цъус  нымæцæй  радта  æххæстмасштабон   бырсты размæ. Ирайнаг  инструктортæ  уырыссæгты  æнæпилотон  тæхæн аппараттæй  архайын амыдтой æмæ Тегеран  та   æппын ницы дзуры уый тыххæй.   Кæд Иран  сайын адарддæр кæндзæн, уæд уый нысан кæны, цæмæй  дуне ноджы  иу  тыхархайд ракæндзæн  Уæрæсе æмæ  Ираны режимты æхсæн  терористон  æмгуыстады фæд равзарынæн, цæмæй цы фиды Уæрæсе Иранæн  ацы æмгуыстады  тыххæй.   Нырыккон   дунейы  афтæ нæ уыдзæнис, цæмæй иуæй-иу  терорист кæнæ йæ æмархайæг  æнæфæхæрд баззайæт», – загъта Зеленски.