Владимр Путин - Уæрæсе æмæ Турчы æхсæн ахастыты фæхуыздæр у, Турчы президенты хæрзиуæг
Уæрæсе æмæ Турчы æхсæн ахастыты фæхуыздæр кæнын Турчы президенты хæрзиуæг у – Уый фæдыл Уæрæсейы президент Мæскуыйы, туркаг коллегæимæ фембæлды рæстæджы райхъусын кодта.
Владимр Путины дзырдæй, регулярон фембæлдты практикæ æвæрццаг фæстиуджытæ дæтты.
Уæрæсейы президенты фидиуæнæй, фæрстæ регионон æдасдзинады фарстаты кæсынц æмæ активон æмкуыст кæнынц Сирийы конфликты аскуыддзагыл.
Йæхи æрдгæй Турчы президент банысан кодта, цæмæй зæгъгæ Анкъара æмæ Мæскуыйы æхсæн бастдзинад фæтынгдæр кæнын, Æввахс Скæсæны æдасдзинадыл æвæрццаг æндавы. Реджеб Тайип Эрдогъаны фидиуæнæй, Турчы æмæ Уæрæсейы æхсæн ахастытæ æфсæддон, базардон æмæ культурон ардæмадæй рæзынц.