Реджеб Тайип Эрдогъан райсом Ильхам Алиевимæ фембæлдзæн

11:27, 24.09.2023

Турчы  президент  Реджеб Тайип  Эрдогъан  райсом Нахичеваны Автономион  Республикæмæ ныццæудзæн.   Эрдогъан  Нахичеванмæ  Азербайджаны  президент  ИльхАм Алиевы  хуындæй ныццæудзæн.

Дыууæ бæстæйы  лидертæ  бадзырдтæ   ауадздзысты дыууæфарсон  æмæ  ауæрæхгонд   форматтæй.

Туркаг  медиайы  хъусинагæй,   фебæлдыл  æркæсдзысты  дыууæ бæстæйы   ахастытæ, афтæма  регионон  æмæ æхсæнадæмон  фæзындтæ.  Бадзырдты  рæстæджы Ильхам Алиев  æмæ реджеб Тайип Эрдогъан  Карабахы  Азербайджаны уагъд  операцийы  æмæ  гарзджын сомихаг  формиргæндтæн хæнæгарз  байсты  процесс дæр афæлгæсдзысты.

Уый æддæмæ ма,ныхасы  темæ  уыдзæн  Зангезуры къæлидор, кæцы  Азербайджаны ссиу кæндзæн Нахичеваны  Автономион  Республикæимæ.

Хуыздæр