Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили Турчы Республикæйы президент Реджеб Тайип Эрдогъанимæ фембæлдис.
Премьер-министры пресскуысты информацийæ, Нью-Йоркы, ИНО-йы генералон ассамблейы фæлгæтты уагъд фембæлдыл регионон æдасдзинады фарстатыл фæуынаффæ кодтой, афтæма дыууæ бæстæйы стратегион партнерады фæстиуджытæ афæлгæстой æмæ фидæнмæ æмгуыстады ног перспективæтæ банысан кодтой.
Ираклий Гъарибашвили куыд банысан кодта афтæмæй, Гуырдзыстон æмæ Турк æмгуыстады нысаниуæгджын прогрессмæ æрцыдысты, кæцы фæзындис куыд экономикон, афтæ политикон цæстæнгасæй.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ уæвæг регионон проекттæ эффективон стратегион æмгуыстады, хъæддых райрæзты æмæ нæфæсайгæ партнерады рухс дæнц у Гуырдзыстоны æмæ Турчы æхсæн, кæцы фылдæр экономикон хæдбарад, æдадсзинад æмæ фæразондзинад æрхæсдзæн дыууæдæр бæстæйæн.
Премьер-министры пресскуысты ахæлиугонд информацийы куыд у банысангонд афтæмæй, фарсытæ афтæдæр афæлгæстой регоины уæвæг æдадзсинады уавæр. Ираклий Гъарибашвили бахахх кодта фарстаты сабырадон бадзырдтæй аскуыддзагы нысаниуæг.
Хицауады сæрдар Реджеб Тайип Эрдогъанæн Гуырдзыстоны суверенитеты, территорион æнæхъæндзинады, афтæма европаг æмæ цæгататлантикон интеграцийы фæндагыл, æнæфæцудгæ фарсдарыны тыххæй раарфæ кодта.