Владимир Зеленский - мах цæттæ стæм дипломатийы фæрцы Хъырымы раздахын
Владимир Зеленский - мах цæттæ стæм дипломатийы фæрцы Хъырымы раздахын

Мах цæттæ стæм дипломатийы фæрцы Хъырым фæстæмæ райсынмæ. Уый фæдыл Украинайы президент Владимир Зеленский «Фокс Ньюс»-æн интервьюйы расидтис.

Журналисты фарстыл, цæттæ уыдзæн æви нæ Украинæ сабырадон бадзырды фæлгæтты территоритæ раттынмæ, Зеленский банысан кодта, цæмæй Украинæйæн нæй гæнæн юридикон æгъдауæй банымайа Украинайы оккупацигонд территоритæ Уæрæсейы сконды.

«Махæн нæ бон нæу юридикон æгъдауæй банымайæм Украинайы оккупацигонд териториты куыд Уæрæсейы сконды. Уый хауы уыцы территоритæм, кæцытæ Путин 2014 азæй, æххæстмасштабон ныббырсты агъоммæ ахста. Юридикон æгъдауæй уый нæ нымайæм» – расидтис Зеленский.

Журналист афтæ дæр бафарста Зеленскийы, цæмæй Уæрæсейы президент бæлвырдæй расидтис, цæмæй Хъырым Украинæмæ никуыуал æрыздæхдзæн æмæ цæттæ сты æви нæ Хъырымы ныууадзын, цæмæй хæст фæуа, кæцыйæн Зеленский дзуапп ратта, цæмæй Украинæ цæттæ у Хъырымы дипломативон æгъдауæй раздахын.

«Махæн нæ бон нæу нæ адæмы мингай нывондæн æрхæссын, цæмæй мæлой  Хъырымы æрыздахыны тыххæй. Мах æмбарæм, цæмæй Хъырымæн гæнæн ис æрыздахæм дипломативон æгъдауæй», -расидтис Украинæйы президент.