Владимир Зеленский Донбассы сепаратистон регионы сæрмагонд статусы иу афæдзæй пролонгацийы закъоныл æрфыста къух
Украинайы президент Владимир Зеленский Донбасы сепаратистон регионты сæрмагонд статусы ноджы иу афæдзæй адарддæр кæныны фæдыл закъон бафыста. Уæллаг рада фæнысангонд закъондæттæг инициативæ 12 декабры 320 хъæлæсæй сфидар кодта.
Зеленский цы документыл æрфыста къух уый иу афæдзæй дарддæр кæны Донецкы æмæ Луганскы районты хайы бынæттон хæдуынаффæйы сæрмагонд æгъау. Донбассы сæрмагонд статусы пролонгаци декабры райдайæны Паризы ацæугæ Нормандиаг Цыппары саммиты фæстæ æрцыд. Закъонæн йе æмгъуыд 31 декабры фæуд кодта æмæ фæнысангонд факты тыххæй Украинайы президентæн бакой кодта Уæрæсейы лидер Владимир Путин иумæйаг пресс-конференцийыл дæр.
Луганск æмæ Донецкы сепаратистты контролгонд районты бынæттон хæдуынафæйы сæрмагонд æгъдауы фæдыл закъон Уæллаг рада 2014 азы сентябры райста. Уыцы азы октябры йæ тыхмæ баыд æртæ азы æмгъуыдæй. Документмæ гæсгæйæ, Донбассы сæрмагонд статус йæ тыхмæ бахиздзæн закъоны 10-æм статийæ бæрæг алы домæны сæххæсты фæстæ. Фæнысангонд домæнты æхсæн ис Украинайы территорийæ алы æнæзакъонон гарзджын формиргондты, æфсæддон техникæйы æмæ æххуырст хæцджыты раконд.