Владимир Зеленски Ираклий Гъарибашвилийæн Хъырмы платформæйы саммиты хайады æмæ Украинайы территорион æнæхъæндзинадæн фарсхæцыны тыххæй раарфæ кодта
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили Украинайы президент Владимир Зеленскиимæ фембæлдис.
Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-куысты информацийæ, фембæлдыл хъусдард здæхт уыдис дыууæ бæстæйы стратегион партнерадмæ, политикон-экономикон æмгуыстад æмæ æхсæнадæмон тырнандмæ.
«Банысан ис цæмæй стратегион партнерадимæ иумæ Гуырдзыстон æмæ Украинайæн ис иумæйаг тырнынад, аккагæй æрбынат кæной Европаг æмæ Евро-атлантикон структурæты æмæ иурæстæгонæй, лæууынц ахæм быцæусидты раз, цахæмдæр у территорион æнæхъæндзинадмæ хъавд.
Владимир Зеленски куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ фæстаг цалдæр мæйы дæргъы Гуырдзыстон-Украинайы ахастытæ сæрмагонд динамионæй æмæ интенсивондзинадæй хицæн кæнынц. Йæ аргълæвæрдæй, зæгъгæ ай æппæт у, дыууæ бæстæйы брзонд гæсты æхсæн фæарæхгонд контактты æмæ дыууæфарсон бæрзонд рангы визитты фæстиуæг.
Украинайы президент Ираклий Гъарибашвилийæн Хъырмы платформæйы самииты хайады æмæ Украинайы территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн фидар фарсхæцыны тыххæй бузныг загъта.
Владимир Зеленски ноджы иу хатт сбæлвырд кодта Украинайы æнæфæцудгæ фарсхæцын Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады æмæ суверенитетæн æхсæнадæмонæй нымад арæнты» – банысангонд у премьер-министры пресс-куысты хъусинагы.