Владимир Путин -  Уæрæсемæ  ис кассетон бомбæты æгъгъæд  фæстауæрц  æмæ  бахъуаджы  цауы  дзы  спайда кæндзæн
Владимир Путин - Уæрæсемæ ис кассетон бомбæты æгъгъæд фæстауæрц æмæ бахъуаджы цауы дзы спайда кæндзæн

Уæрæсемæ ис касетон   бомбæты æгъгъæд фæстауæрц   æмæ  бахъуаджы  цауы дзы  спайда кæндзæн, –уый фæдыл   Уæрæсейы  президент Владимр Путин райхъусын.

Путин  банысан кодта, цæмæй  Мæскуы йæхимæ  уадзы  бар  спайда кæна  кассетон бомбæтæй, кæд ахæм  хæстон  æрмæджытæй  спайда кæндзысты Украинайы  уырыссаг   тыхты ныхмæ.

«Цæй зæгъын æй хъæуы, кæд уыдон  нæ ныхмæ спайда кæндзысты касетон хæцæнгарзæй,  мах уадзæм нæхимæ бар  райсæм æмбæлгæ  мадзæлттæ», –  загъта  Путин.

Украина райста   кассетон бомбæтæ  АИШ-æй, фæлæ Киев дзырд  ратта, цæмæй хæцæнгарзæй  æрмæст знаджы æфсæддæтты  концентрацийы   рæтты  спайда кæндзæн.

Бакой  уын кæндзыстæм, касетон  хæстæрмæгæй  спайда  тобæгонд у дунейы  100-йæ  фылдæр  бæстæйы.