Владимир Путин – Уæрæсейы «специалон æфсæддон операци»  у хæст кæрон скæныны архайд
Владимир Путин – Уæрæсейы «специалон æфсæддон операци» у хæст кæрон скæныны архайд

Уæрæсейы  специалон æфсæддон операци  у ацы хæсты кæрон скæныны æмæ ацы территорийыл цæрæг  адæмы баиргъæвыны архайд, – уый фæдыл  Уæрæсейы  президент Владимир Путин  ветерантимæ фембæлдыл, Украинайы  фæдыл  ныхасы рæстæджы загъта.

«Алцыппæт, цыдæриддæр абон аразæм, уый нымæцы специалон æфсæддон операци, æнæ иу куыд загътон афтæмæй,  у  ацы хæсты кæрон  скæныны архайд.  Уый мидæг ис нæ операцийы  апп  æмæ ацы территорийыл цæрæг  адæмы  баиргъæвын», –   загъта Владимир Путин.

Уæрæсейы президент  Украинайы  хицауады, уырыссагæвзагон  цæрджыты дискриминацийы фæзылынджын кодта æмæ банысан кодта, цæмæй  Украинайы ацы фæзындтæ 2014 азы  райдыдта.

«Трагеди Украинайы баст фæзындтимæ растдæр 2014 азы райдыдта  æмæ райдыдта  растдæр Украинайы  антиконституцион   гарзджын  паддзахадон фæфæлдæхтæй», – банысан кодта уый.

Уæрæсейы президент афтæма  банысан кодта, цæмæй Уæрæсе  алцыппæт сарызта, цæмæй «ацы ситуаци  сабыр фæндагæй аскуыддзаг кодтаит».